Эскобар, Пабло
From Wikipedia, the free encyclopedia
Пабло Эмилио Эскобар Гавириа (исп. Pablo Emilio Escobar Gaviria; райгуырдис 1949-æм азы 1 декабры Рионегройы — амардис 1993-æм азы 2 декабры) уыдис колумбиаг наркотикты бирæгай уæйгæнæг. Уый зындгонд у куыд «дунейы стырдæр фыдгæнджытæй иу». Гæнæн и, æмæ уый уыдис дунейы историйы хъæздыгдæр къæрных,[3] кæнæ та дыккæгæм — Амадо Каррильо Фуэнтесы фæстæ.[4] 1989-æм азы журнал Forbes фехъусын кодта, зæгъгæ, дам, Эскобар у дунейы 7-æм хъæздыгдæр адæймаг, 25 миллиард долæры дарæг.[5] 1986-æм азæй æнтыстджынæй архайдта Колумбийы политикæйы дæр.
Краткие факты Пабло Эскобар, Гуырæн ном ...
Пабло Эскобар | |
---|---|
исп. Pablo Escobar | |
Гуырæн ном | исп. Pablo Emilio Escobar Gaviria |
Райгуырды датæ | 1949-æм азы 1 декабры(1949-12-01)[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1993-æм азы 2 декабры(1993-12-02)[1][2][…] (44 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | наркобарон |
Æмкъай | María Isabel Santos Caballero[d] |
Сывæллæттæ | Juan Pablo Escobar Henao[d] æмæ Manuela Escobar[d] |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Закрыть
Фехстой йæ Колумбийы пъæлицæйы кусджытæ Медельины сахары, йæ цæфтæй фæмард.