Буэнос-Айрес
From Wikipedia, the free encyclopedia
Буэ́нос-А́йрес (исп. Buenos Aires нысан кæны «хорз уæлдæфтæ» кæнæ «хорз дымгæтæ») у Аргентинæйы сæйраг сахар, уый у Хуссар Америкæйы стырдæр сахартæй иу, бæстæйы ахсджиаг культурон æмæ экономикон центр.
- Провинцийы тыххæй кæс Буэнос-Айрес (провинци).
Сахар | |||||
Буэнос-Айрес | |||||
---|---|---|---|---|---|
исп. Buenos Aires | |||||
|
|||||
34°35′59″ ю. ш. 58°22′55″ з. д.HGЯO | |||||
Паддзахад | Аргентинæ | ||||
Истори æмæ географи | |||||
Бындурæвæрд | 1580-æм азы 11 июны[1] | ||||
Фыццаг кой | 1536 | ||||
Сахар кæдæй | 1580 | ||||
Фæзуат | 203 км² | ||||
Сахатон таг | UTC−3:00 | ||||
Цæрджытæ | |||||
Цæрджытæ | |||||
Цифрон идентификатортæ | |||||
Телефонон код | +54 011 | ||||
Посты индекс | C1000-14xx | ||||
buenosaires.gob.ar(исп.) | |||||
Викикъæбицы медиа |
Буэнос-Айрес æрбынат кодта Аргентинæйы скæсæны, Рио-де-ла-Платæйы эстуарийы ныгуылæн былгæрон. Сахарæн йæ ныры ном у йæ раздæры номы цыбыргонд верси — XVII æнусы онг йæ ном уыдис Ciudad de la Santísima Trinidad y Puerto de Nuestra Señora de Santa María de los Buenos Aires, ома «Æппæты сыгъдæг Æртæиууоны сахар æмæ хорз уæлдæфты сыгъдæг Мады Майрæмы порт».
Аргентинæйæгтæ сæ сæйраг сахар хонынц «бирæ нæмтты сахар». Арæх æй хонынц «Капиталь федераль» (Capital Federal «Федерацийы сæйраг сахар»), дзургæ-дзурын ма пайда кæнынц цыбыргонд номæй Байрес, зæгъгæ. Аргентинæй сæйраг сахары чи цæры, уыдоны хонынц «портеньос» (исп. porteños), ома «порты цæрджытæ».
Буэнос-Айресы бындур-иу сæвæрдтой дыууæ хатты. Фыццаг хатт сахар рæзын байдыдта 1536-æм азы Педро де Мендосайы хъæппæрисæй, фæлæ 1541-æм азы индейæгтæ йæм бабырстой æмæ йæ басыгътой. 1580-æм азы сахар уыцы иу бынат ногæй æрфидар и. Уæды рæстæг уыцы зæххытæ хаудысты Испайнаг империйы Перуйы вице-къаролады скондмæ, æрмæст 1776-æм азы уый сси ног Рио-де-ла-Платæйы вице-къаролады сæйраг сахар.
1806-æм азы сахар байстой æмæ дзы цалдæр мæйы дæргъы аззадысты бритайнаг æфсæддонтæ. 1810-æм азы Буэнос-Айресы цыдис Мæйы революци, испайнаг хицауы аппæрстой æмæ ног хиуынаффæйадон оргæн сарæзтой — афтæ хуынд Фыццаг хунтæ, Аргентинæйы фыццаг националон хицауад.
XX æнусы райдиан Буэнос-Айрес сси Хуссар Америкæмæ эмиграцийы сæйрагдæр нысантæй иу. Адæм гуылф кодтой Аргентинæйы цæрынмæ, уыдонæй бирæ баззадысты Буэнос-Айресы сахары æмæ йæ алфамбылай чысылдæр цæрæнрæтты. 1913-æм азы байгом и метро, Хуссар Америкæйы фыццаг ахæм транспортон системæ.
Аргентинæйы хицауад кусы Буэнос-Айресы. Буэнос-Айресы сахар йе ’мном провинцийы сконды нæу, хъæуы сæ хицæн кæнын. У 24 провинциты федерацийы сæйраг сахар. 1994-æм азæй сахарæн ис хиуынаффæйады бар, цæрджытæ равзарынц сахары сæргълæууæджы.
2010-æм азы сфыстмæ гæсгæ Буэнос-Айресы сахары цæрынц 2 891 082 адæймаджы, афтæ хуынд Стыр Буэнос-Айресы мегаполисы та — 12 милуанæй фылдæр. Уымæй у Аргентинæйы стырдæр æмæ Хуссар Америкæйы 8-æм стырдæр сахар.
Æхсæнадæмон рейтинг GaWC-мæ гæсгæ Буэнос-Айрес у Альфæ-сахарты ’хсæн — Амстердам, Мæскуы æмæ Брюсселы æмрæнхъ[3][4].