Ираны президент
From Wikipedia, the free encyclopedia
Ираны президент — афтæ хуыйны, Иран 1979-æм азы монархи аппæрсты фæстæ республикæ куы сси, уæдæй фæстæмæ дзы цы паддзахадон бынат ис, уый. Фылдæр бæстæтæй хъауджыдæр, ам президент нæу паддзахады сæргълæууæг. Ираны сæргълæууæг у, равзæрстæй амæлынмæ йæ бынатыл чи кусы, уыцы Ираны уæлдæр разамонæг. Ираны президент æххæст кæны минæварон функцитæ, стæй хицауады сæрдары функцитæ (уыцы бынат куы айстæуыд, уæдæй фæстæмæ). Ираны президентæн нæй бар æвзæрст цæуын фæд-фæдыл дыууæ æмгъуыдæй фылдæр.