Кондотьер
From Wikipedia, the free encyclopedia
Кондотьертæ (итал. condotta-йæ — бардзырд æфсæддон куыстмæ райсыны тыххæй) — XIV—XVI æнусты Италийы æфсæддон къордты разамонджытæ, уыдысты сахар-коммунæты кæнæ паддзахты æфсæддон æххуырстытæ. Алы къорд дæр иу æрæмбырд ис йæ разамонæджы алфамбылай, уый сидти æмæ уæгъд кодта балы, фыста бадзырдтæ (кондоттæтæ) хæстон операцитæ кæныныл, иста мызд (soldo — «мызд», кæс салдат) æмæ фыста æххуырст æфсæддонтæн. Афтæ дæр-иу уыд æмæ кондотьертæ ахстой хицауиуæг сахарты, æмæ арæзтой синьоритæ. Кондотьерты рæнхъыты уыдис тынг бирæ авантюристтæ. Арæх кондотьертæ мызд райсты фæстæ иу аивтой иу хæцджыты лагерæй иннæмæ æмæ сæ æххуырсæгты тыхфæлгъауын кодтой.