Тигр
From Wikipedia, the free encyclopedia
Тигр (лат. Panthera tigris) — æхсырæйхæсгæ тугдзых гæдыты мыггаджы хуыз, у дæлмыггаг стыр гæдытæм хаугæ пантерæты (лат. Panthera) мыггаджы цыппар минæварæй иу. Ныхас «тигр» цæуы бердзенаг æвзагæй (рагон грекъ. tigris), уый та йæхæдæг цæуы рагперсайнаг *tigri, уидагæй «*taig» нысаниуæгимæ «цыргъ; цырд».[1][2][3] Цалдæр ирон ныхасыздæхттыл ныхас «тигр»-ы бæсты дзурынц ныхас «стай», афтæ гуырдзиаг национ эпос «Стайыцармдарæджы» ирон тæлмацы гуырдз. ვეფხვი (вепъхи — тигр) тæлмацгонд у куыд "стай", фæлæ нырыккон литературон ирон æвзаджы стай у æндæр цæрæгой.
- Ивддзаггæнæн нæй стайимæ.
Тигр | ||||||||||||||
---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|---|
Зонадон классификаци | ||||||||||||||
|
||||||||||||||
Латинаг ном | ||||||||||||||
Panthera tigris, Linnaeus (1758) | ||||||||||||||
Ареал | ||||||||||||||
|
Ацы хуызы минæвæртты æхсæн æмбæлынц мыггаг гæдыты егъаудæр цæрæгойтæ. Тигр у уæлзæххон тугдзых сырдтæй егъаудæртæй иу, уæлдай уадзы массæйæ æрмæстдæр урс æмæ тарбур æрсыты. Бæрæггонд æрцыдысты фараст тигрты дæлхуызы, уыдонæй XXI æнусы райдайæнмæ баззадысты æрмæст æхсæз — сæ иумæйаг æмтгæй райсгæ нымæц иу 4000-6500 уæвæгойы[4], уыдонæй тæккæ бирæнымæцон дæр у бенгайлаг тигр (номинативон дæлхуыз), иумæйаг популяцийы ахсы 80 %.
XX æнусы бахастæуыд Æхсæнадæмон Сырх чиныгмæ æмæ Уæрæсейы Сырх чиныгмæ, æмæ æндæр бæстæты хъахъхъæнæн документтæм. 2010-æм азы уавæрмæ гæсгæ тигртыл цуан æппæт дунейы дæр хъодыгонд у.