Цъхъалтъубо
From Wikipedia, the free encyclopedia
Цъхъалтъубо (гуырдз. წყალტუბო) у сахар Гуырдзыстоны ныгуылæны, Цъхъалтъубойы муниципалитеты административон центр; лæууы Кутаисæй цæгат-ныгуылæнырдыгæй 9 километры æддæдæр.
Краткие факты Цъхъалтъубо, Паддзахад ...
Сахар | |
Цъхъалтъубо | |
---|---|
гуырдз. წყალტუბო | |
42°19′35″ с. ш. 42°36′02″ в. д.HGЯO | |
Паддзахад | Гуырдзыстон |
Регион | Имерет |
Муниципалитет | Цъхъалтъубойы муниципалитет |
Истори æмæ географи | |
Сахатон таг | UTC+4:00 |
Цæрджытæ | |
Цæрджытæ | 11 281 адæймаджы (2014) |
Цифрон идентификатортæ | |
Телефонон код | +995 436 |
Посты индекс | 5400 |
Викикъæбицы медиа |
Закрыть
Цæры дзы 11 281 адæймаджы (2014 аз).[1]
Сахары ис æфсæнвæндаджы станцæ.
Цъхъалтъубо у бальнеологион курорт. Йæ бындур æрæвæрдæуыд 1926-æм азы. Йæ сæйраг æрдзон дзæбæхгæнæн фактор у, сæ физикон-химион миниуджытæм æмбал зын ссарæн кæмæн ис, ахæм термалон (33–35 градусы) суардæттæ.
Советон заман курортæн уыди æппæтцæдисон статус, арæзт дзы æрцыди цалдæр дынджыр санаторийы. Сахары ис футболон клуб «Самгурали». Йæ бындур æрæвæрдæуыд 1945-æм азы.